Федта, нæ лæппутæ цы уавæрты æххæст кæнынц се фсæддон хæс, уый
Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйло сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы бабæрæг кодта Плиты Иссæйы номыл полчы æмæ батальон «Алани»-йы æфсæддонты. Федта, нæ лæппутæ цы уавæрты æххæст кæнынц се фсæддон хæс, уый. «Ахсджиаг мын у, цæмæй алцæмæй дæр æххæст уой», – загъта регионы разамонæг йæ телеграм-каналы. Хуыздæр æмæ æнтыстджындæр чи службæ кæны, уыцы хæстонтæн республикæйы Сæргълæууæг радта паддзахадон хæрзиуджытæ. Уымæй дарддæр ма фембæлд 19-æм дивизийы æмæ 429-æм мысанæхсæн полчы разамындимæ. Куыд загъта, афтæмæй рæстæгæй-рæстæгмæ райсы дзуапдæттæг докладтæ нæ дæлхайæдты командæгæнджытæй. Уымæ гæсгæ фæзоны алы лыстæг хъуыддæгты тыххæй дæр. Фæлæ гæнæн æмæ амалæй фæархайы бынатмæ бахæццæ уæвыныл, æмæ нæ хъæбатыр лæппуты хи цæстæй феныныл, стæй цæмæй тыхсынц, уый базоныныл. Æрымысыдысты, Фыдыбæстæйы сæраппонд йæ цард чи радта, уыцы хъæбатыр æфсæддонты дæр. «Фидарæй нæ уырны, Уæлахиз немæ!» – ныффыста республикæйы Сæргълæууæг.




