филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:16 суббота, 28 сентября 2024
13 июля 2021, 12:15
Сергей Меняйло бабар кодта прокуратурæйы ргом раздахын Центрон парчы бирæуæладзыгон арæзтад фехалынмæ

Администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав куыд фехъусын кодта, афтæмæй арæзтады хицау куыстытæм бавналынмæ цæттæ нæу, уымæн æмæ йæм фæрæзтæ нæй

Сергей Меняйло бабар кодта прокуратурæйы ргом раздахын Центрон парчы бирæуæладзыгон арæзтад фехалынмæ. Аппаратон æмбырды Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав куыд фехъусын кодта, афтæмæй арæзтады хицау куыстытæм бавналынмæ цæттæ нæу, уымæн æмæ йæм фæрæзтæ нæй. Администраци бахæс кодта проектон-сметон документаци бацæттæ кæнын, цыппæрæм уæладзыджы онг. Документ ныр у цæттæ. Сергей Меняйло ма иу хатт фехъусын кодта иннæ ахсджиаг фарстайы тыххæй – Цæгæр хохы бæндæнæй фæндаг рацаразын. Куыд загъта, афтæмæй объекты хицауæн тæрхондон рахаста уынаффæ фæндаг йæхи фæрæзтæй фехалын. Куы нæ сразы уа, уæд уыцы куыстытæ уæддæр бакæндзысты, æмæ хæрдзтæ бафидын кæндзысты объекты хицауæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania