филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:16 суббота, 28 сентября 2024
28 сентября 2021, 12:37
Сергей Меняйло бабар кодта районты доны фарста банывыл кæнын

Республикæйы Сæргълæууæджы хъуыдымæ гæсгæ, нæ регионы доны ресурстæ æгæрон сты

Сергей Меняйло бабар кодта районты доны фарста банывыл кæнын. Республикæйы Сæргълæууæджы хъуыдымæ гæсгæ, нæ регионы доны ресурстæ æгæрон сты. Нырыккон царды адæм хъуамæ нуазыны донимæ баст зындзинæдтæ ма ййафой. Уымæн та хъуамæ дзуапп дæдтой районты сæргълæуджытæ. Цавæр куыст цæуы ацы къабазы Заманхъулы, уый тыххæй радзурдзæн Гæджиты Сослан.

Заманхъулы цалдæр уаццагыл дон цæуы аварион дондзæуæны уылты. Баивын та йæ у тынг зын хъуыддаг. Специалистты бахъæуы алыхуызон уавæрты кусын. Уыимæ боныхъæд æмæ территорийы уавæртæ нæ хынцгæйæ.

Хъæуы цæрджытæ бынæттон администрацимæ сæ хъаст иу æмæ дыууæ хатты нæ бахастой, цæмæй сын доны фарста банывыл кæной, уый тыххæй. Ныр специалисттæ зæгъынц, хæтæлтæ куы баивтой, уæд сын бантыст æлхъывдад сисын, æмæ дондзæуæны уавæр фæхуыздæр.

Ацы резервуар та у хъæуы сæйрагдæр хæзна. Бындуронæй йæ сцалцæг кодтой. Æмæ ныр арæзт æрцæудзæн резервон дондзæуæн Брутæй. Ууылты кæлдзæн æрдзон хорзæх, кæд æмæ та хъæуы донимæ зындзинæдтæ сæвзæра, уæд.

Ног хæтæлтæ конд сты металлопластикæй. Хъуамæ эксплуатацийы фæуой 50 азы онг. Куыстытæ ныр дæр цæуынц. Æмæ сæ кæронмæ фæуын нысан кæнынц, цалынмæ уазæлттæ нæ райдайой, уæдмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania