филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:35 вторник, 23 апреля 2024
29 сентября 2022, 10:53
Сергей Меняйло бафыста указ нæ республикæйы карз цæттæдзинады фæтк æрæвæрыны тыххæй

Документы  бæрæггонд куыд у, афтæмæй цæттæдзинады фæтк бар дары Дзæуджыхъæумæ, Æрыдоны, Кировы æмæ Горæтгæрон районтæм

Сергей Меняйло бафыста указ нæ республикæйы карз цæттæдзинады фæтк æрæвæрыны тыххæй. Документы  бæрæггонд куыд у, афтæмæй цæттæдзинады фæтк бар дары Дзæуджыхъæумæ, Æрыдоны, Кировы æмæ Горæтгæрон районтæм. Муниципалитетты разамонджытæн амынд цæуы, цæмæй саразой сæрмагонд оперативон штабтæ æнæнхъæлæджы уавæр ма руадзыны тыххæй. Машинæтæ æнхъæлмæ кæм кæсынц, уым хъуамæ администрациты тыхтæй сæвæрой, бæлццæттæ сæхи кæм схъарм кæндзысты æмæ сæ фæллад кæм суаддзысты, ахæм бынæттæ. Уыимæ хъуамæ æнхъæлмæ кæсæн бынæтты фаг уа нуазыны дон æмæ хойраг.  Æнæниздзинадхъахъхъæнынады министрадæн амынд цæуы, цæмæй машинæтæ кæм лæууынц, уым æрæвæрой медицинон пункт.  Указы домæнтæм гæсгæ, нæ республикæмæ бацæуыны бар уыдзæнис æрмæстæр Цæгат Ирыстоны, Хуссар Ирыстоны æмæ Гуырдзыйы республикæты регистрацигонд цы машинæтæ сты, уыдонæн. Уый бар нæ дары, нæ республикæйы пансионаттæ, туристон базæтæ æмæ санаторитæм чи цæуы, уыцы адæммæ.  Указ йæ тыхы бацыд йæ бафыссыны фæстæ æмæ кусдзæн, цалынмæ сæрмагонд бардзырд нæ рацæуа, уæдмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania