филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:21 суббота, 28 сентября 2024
05 октября 2021, 12:42
Сергей Меняйло бахæс кодта, Дзæуыджыхъæуы 8-æм скъолайы æнæнхъæлæджы уавæрты фæтк сфидар кæнын

Донæй дзы байдзаг пъадвал, æмæ дзы тæссаг у, электрон тых кæцæй цæуы, уыцы кусæн æрмæджытæй

Сергей Меняйло бахæс кодта, Дзæуыджыхъæуы 8-æм скъолайы æнæнхъæлæджы уавæрты фæтк сфидар кæнын. Донæй дзы байдзаг пъадвал, æмæ дзы тæссаг у, электрон тых кæцæй цæуы, уыцы кусæн æрмæджытæй. Уый тыххæй æмбырды фехъусын кодта республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министрады разамынд. Алыбекты Эллæ куыд зæгъы, афтæмæй Южныйы скъолайы бæстыхай у зæронд. Фæлæ цæмæдæр гæсгæ, бындурон цалцæджы реестрмæ хаст не рцыди. Уый хыгъд дзы уæддæр ахуыртæ цæуынц фæткмæ гæсгæ. Цæмæй æппæты фыццаг сывæллæтты æдасдзинад бахъахъхъæной, уый тыххæй, æвæстиатæй хъæуы пъадвал бахус кæнын, æмæ электрон æрмæджытæ уырдыгæй айсын. Сергей Меняйло цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады министрадæн бахæст кодта цæмæй бынæттон администрациимæ раиртасой сæвзæрд уавæр. Куыстытæн фæрæзтæ дихгонд æрцæудзæн республикæйы  резервон фнодæй.

Республикæйы арæзтад æмæ архитектурæйы министры хæстæ æххæстгæнæг Моргуаты Константины ныхæстæм гæсгæ, Цæгат Ирыстоны 46 скъолайы хъæуы бындурон цалцæджы программæмæ бахæссын. Ныхас цыди хосты уавæрыл дæр. Республикæйы Сæргълæууæгмæ хъæстытæ цæуынц дæрддзæф хъæуты цæрджытæй. Зæгъæм, Нузалы абоны онг нæй аптекæ. Æнæниздзинадхъахъхъæнынады министры хæстæ æххæстгæнæг Тебиаты Сослан куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй дыууæ къуырийы фæстæ медикаментæ исын райдайдзысты фельдшерон акушерон пунктты уылты. Се ппæты дæр хъæуы хостæй сифтонг кæнын, загъта Сергей Меняйло. Æмбырды боны фæткмæ ма хаст æрцыди транспорты æмæ æнæмæнг хъæугæ продуктты уавæр дæр. Регионы разамынд загъта, адæм кæй хъаст кæнынц транспорт куыд æмбæлы афтæ кæй нæ цæуы, æмæ дзулы аргъ кæй фæзынаргъдæр, уымæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania