филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:45 воскресенье, 01 февраля 2026
23 мая 2023, 11:09
Сергей Меняйло бахæс кодта, Гæздæнты æфсымæрты цыртдзæвæны цур фæзуаты алыварс цы уавæр сæвзæрд, уый сбæрæг кæнын

Ацы хъуыддагыл ныхас цыди аппаратон æмбырды

Сергей Меняйло исбоны министрадæн бахæс кодта, Гæздæнты æфсымæрты цыртдзæвæны цур фæзуаты алыварс цы уавæр сæвзæрд, уый сбæрæг кæнын æмæ бæстонæй документтæм æркæсын. Ацы хъуыддагыл ныхас цыди аппаратон æмбырды. Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм, хуыцаубоны цыртдзæвæны цур æрæмбырд сты Дзуарыхъæуы цæрджытæ. Адæм разы не сты, парчы территорийы бирæуæладзыгон бæстыхайы арæзтадимæ. Афтæмæй, хæлд цæуы Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг хъæуы цæрджытæй чи фæмарди, уыдоны номыл парк.

Аппаратон æмбырды ма æрныхас кодтой æндæр ахсджиаг фарстатыл дæр. Зæгъæм, хъармæй ифтонг кæныны иумæйаг регионалон оператор саразын. Проект хъуамæ царды рауадзой сентябры райдиан. Ныр та уал, Уæрæсейы хицауады сæрдары фæдзæхстмæ гæсгæ, хæстæгдæр рæстæг хъæуы субсидиты бæрц æмæ тарифты хсæн хицæндзинæдтæ банымайын. Ныхас цыди сæ куысты хуыздæр æнтыстдзинæдтæ кæмæн ис, уыцы скъолатæн сæргълæууæджы гранттæ дæттыныл дæр. Сергей Меняйло бахæс кодта, гранттæ дæттыны фæткыл бакусын, стæй бахаста фæндон, хицæнæй хъæуккаг скъолатæ хынцын. Уымæй уæлдай, æмбырды архайджытæ æрдзырдтой, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн æххуысы фонд саразыныл. Социалон координатортæ ахуыртæ ацыдысты Пятигорскы. Центр байгом кæнын нысан кæнынц майы кæрон.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania