филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:44 воскресенье, 01 февраля 2026
01 ноября 2022, 11:19
Сергей Меняйло бахæс кодта мобилизацигонд æфсæддонты бинонтæн æххуыс кæнын райдайын

Республикæйы Сæргълæууæг куыд фæнысан кодта, афтæмæй хъуыддаг хъуамæ æххæстгонд æрцæуа æнæкъуылымпыйæ

Сергей Меняйло финансты министрадæн бахæс кодта, фæллойы æмæ социалон рæзты министрадимæ иумæйагæй социалон паспорттæ хынцгæйæ, мобилизацигонд æфсæддонты бинонтæн æххуыс кæнын райдайын. Республикæйы Сæргълæууæг куыд фæнысан кодта, афтæмæй хъуыддаг хъуамæ æххæстгонд æрцæуа æнæкъуылымпыйæ. Фæллойы æмæ социалон рæзты министр Айдарты Алинæ куыд зæгъы, афтæмæй уыцы иу хатт фиддонтæ ныридæгæн райстой адæмы  87%. Аппаратон æмбырды ма æрныхас кодтой цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады системæйы куыстыл дæр. Рассветы кæронмæ фæци нуазыны донæй сифтонг кæнынæн  донцъирæнты арæзтад. Хæстæгдæр рæстæг сæ ратдзысты эксплуатацийы. Дзæуджыхъæуы онкодиспансеры хъармгæнæны цалцæгыл Сергей Меняйлойы уынаффæмæ гæсгæ резервон фондæй дихгонд æрцыди 3 милуан сомы. Уымæй уæлдай, æмбырды ныхас цыди районты сæргълæуджытимæ хæрдзты оптимизацийыл бакусын кæй хъæуы, ууыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania