филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:03 суббота, 31 января 2026
24 декабря 2024, 10:34
Сергей Меняйло бахæс кодта, ног азы бæрæгбæтты æнæнхъæлджы æмæ аварион службæты куыстмæ бæрнон цæст æрдарын

Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаджы æмæ энергетикæйы министр Таматы Майрæнæн бахæс кодта, оперативон штаб равæрын

Сергей Меняйло аппаратон æмбырды бахæс кодта, ног азы бæрæгбæтты æнæнхъæлджы æмæ аварион службæты куыстмæ бæрнон цæст æрдарын. Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаджы æмæ энергетикæйы министр Таматы Майрæнæн бахæс кодта, оперативон штаб равæрын. Бахъуаджы рæстæг зынгсирвæзтыты службæ хъуамæ бынатмæ рацæуа æвæстиатæй, загъта республикæйы разамонæг. Æнæнхъæлæджы цауты æмæ мидхъуыддæгты министрадтæ раивдзысты карздæр куысты фæткмæ.  Арвы комы фæндаг æмæ Транскам сты гом. Республикæйы территорийы ис 1840 уæзласæн машинæйы, уыдонæй 910 лæууынц сæрмагонд æрлæууæнты. Сергей Меняйло бадомдта, цæмæй бæрæгбæтты рæстæг бæлццæттæласæн транспорты куыстимæ къуылымпыдзинæдтæ ма уа. Ныхас цыди эпидемиологон уавæрыл дæр. Æхснырсæгæй рынчынты нымæц фæкъаддæр, уый хыгъд республикæйы фæзынд грипп. Къуыримæ рабæрæг коронавирусæй рынчынты 37 адæймаджы. Рæвдауæндæтты æмæ скъолаты арæзт цæуынц эпидемийы ныхмæ мадзæлттæ, уавæр уал у рæстæмбис.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania