Пресс-конференци баст уыд регионы социалон-политикон рæзтимæ, æмæ арæзт æрцыд «ТАСС Кавказ»-ы регионалон информацион центры, Пятигорскы
Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйло дзуæппытæ радта дзыллон информацион фæрæзты минæвæртты фæрстытæн. Пресс-конференци баст уыд регионы социалон-политикон рæзтимæ, æмæ арæзт æрцыд «ТАСС Кавказ»-ы регионалон информацион центры, Пятигорскы. Сергей Меняйло æрдзырдта Цæгат Ирыстоны рæзтæн фыццаградон хæстæ æмæ нысантыл, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн æххуыс кæныны æмæ регионы туризмы рæзты фарстатыл. Республикæйы разамонæг куыд радзырдта, афтæмæй Мамысоны курорты адæм æрмæст сæ фæллад нæ уаддзысты, фæлæ ма фидардæр кæндзысты се нæниздзинад. Уыцы бынатæн ис стыр бальнеологон хъомыс. Уымæй дарддæр Мамысоны арæзтады фæрцы газ ратдзысты, курортмæ ввахс цы хæххон хъæутæ ис, уырдæм. Арæзтады дыккаг къæпхæнæн радих кодтой 100 миллиард сомæй фылдæр. Сергей Меняйло дзырдта Цæгат Ирыстоны культурæйы бонты тыххæй дæр. Куыд бафиппайдта, афтæмæй республикæ уыцы мадзалмæ бæлвырд бацæттæ кодта. Уый фæрцы Федерацийы Совет сразы ис регионы æппæт хъæппæристимæ. Сенатортæ сразы сты дыууæ скъолайы арæзтадимæ, бæхты театрæн бæстыхай саразынимæ, ирон академион театры бæстыхай сцалцæг кæнынимæ æмæ афтæ дарддæр. Уымæй дарддæр сцалцæг кæндзысты фæндаггон хызы цалдæр объекты.




