филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:58 суббота, 31 января 2026
02 июля 2024, 12:12
Сергей Меняйло электрон тыхдæттæг къабазы кусджытæн бахæс кодта, цæмæй цæрджыты сифтонг кæной электрон тыхы системæйы æнæкъуылымпы куыстæй

Республикæйы Сæргълæууæг куыд фæнысан кодта, афтæмæй сæрдыгон электрон тых æмæ дон куы ахуыссын кæнынц, уæд адæм феййафынц уæлдай зындзинæдтæ

Сергей Меняйло электрон тыхдæттæг къабазы кусджытæн бахæс кодта, цæмæй цæрджыты сифтонг кæной электрон тыхы системæйы æнæкъуылымпы куыстæй. Республикæйы Сæргълæууæг куыд фæнысан кодта, афтæмæй сæрдыгон электрон тых æмæ дон куы ахуыссын кæнынц, уæд адæм феййафынц уæлдай зындзинæдтæ. Æрвылкъуырион аппаратон æмбырды бадомдта, æппæт цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады фарстатæ алыг кæнын, уыимæ цыбыр æмгъуыдмæ. Æрныхас кодтой æхсæнадон транспортыл дæр. 28 ног трамвайæ горæты линимæ рацыдысты æрмæстдæр 14. Аххосаг – кадртæ кæй нæ фаг кæны, уый. Сабыргай хъуыддагыл куыст цæуы. Фидæны шофыртæ цæуынц сæрмагонд ахуыртæ. Уавæр æвзæрдæр у автобустимæ. Уый тыххæй фехъусын кодта Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав. Йæ ныхæстæм гæсгæ, адæмы кусын нæ фæнды, мызд гыццыл кæй у, уый тыххæй. Фарста нырма у гом. Мидхъуыддæгты министрады минæвæрттæ сæ раныхасы хатдзæгтæ скодтой ивгъуыд къуырийæн, æппæт мадзæлттæ æмæ рауагъдонты бæрæгбæттæ ацыдысты æмбæлгæ уагыл. Республикæйы 100 азы сбæрæг кæныны мадзæлтты рæстæг æдасдзинад хъахъхъæнынмæ дæр сты цæттæ. Аппаратон æмбырды ныхас цыди цæстдарæн-уадзæн пункт «Уæллаг Ларсы» уавæрыл дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania