Объекты республикæйы сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг аныхас кодта аразджытимæ, стæй иннæ рæвдауæндæттæ чи аразы, уыцы подрядон куыстуæтты минæвæрттимæ
Сергей Меняйло арæзтады æмæ архитектурæйы министры хæстæ рæстæгмæ æххæстæнæг Моргуаты Константинимæ федта, Хъесаты Астаны уынджы сывæллæтты рæвдауæндоны арæзтад куыд цæуы, уый. Объекты республикæйы сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг аныхас кодта аразджытимæ, стæй иннæ рæвдауæндæттæ чи аразы, уыцы подрядон куыстуæтты минæвæрттимæ. Сергей Меняйло фау æрхаста, арæзтады æмгъуыдтæ куыд æххæстгонд цæуынц, уымæ. Арæзтад райдыдта фарон сæрды, фæлæ нырмæ бæстыхай фыццаг уæладзыгæй дарддæр нæ сырæзт. Афтæмæй хъуамæ бадзырдмæ гæсгæ объект сцæттæ уыдаид ацы азы кæронмæ. Подрядон куыстуат куыд бамбарын кодта, афтæмæй æмгъуыдтæ фехæлдтой, кусджытæ кæй нæ фаг кæны, уый тыххæй. Ног къуырийы объекты райдайдзæн кусын ног бригадæ æмæ уæд гæнæн ис æмæ график баййафой. Сергей Меняйло куыд бафиппайдта, афтæмæй уыцы къуылымпыдзинæдтæ хъуамæ нымад æрцыдаиккой раздæр, бадзырд бафыссыны размæ. Объект та нысан æмгъуыдмæ куы не сцæттæ уа, уæд подрядон организаци закъонмæ гæсгæ æфхæрд райсдзæн – загъта республикæйы разамонæг.




