Уыдонæн фæци сæ ахуырады æртыккаг модуль
Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйло фембæлд сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн арæзт ахуырадон программæ «Ирыстоны Намысы» финалисттимæ. Уыдонæн фæци сæ ахуырады æртыккаг модуль. Программæйы радон блок баст уыд регионалон æмæ муниципалон разамындимæ. Сæ фæлтæрддзинад æмæ зонындзинæдтæ сын амыдтой республикæйы министрадты æмæ ведомствоты разамонджытæ. Лекцитæ бакастысты Уæрæсейы Президенты цур адæмон хæдзарады æмæ паддзахадон службæйы уæрæсейаг академийы паддзахадон разамынды Уæлдæр скъолайы минæвæрттæ. Программæ «Ирыстоны Намыс»-ы архайджытæ ма бабæрæг кодтой республикæйы æнæниздзинадхъахъхъæнынады, культурæйы, социалон æмæ спортивон организацитæ, стæй Регионæн Разамынддæттæг Центр. Модулы фæстæ алы архайæг дæр ацыд фæлварæн æмæ тест. Сергей Меняйло фæбæрæг кодта программæйы архайджыты лæгдзинад, бæрнондзинад æмæ æхсæнадæн пайда уæвынмæ тырнындзинад. Фембæлды ма архайдтой, хæстæгдæр рæстæг æфсæддон-патриотон хъомылады Центр «Авангард»-ы ахуырад чи цæудзæн, уыцы æфсæддонтæ. Фидæны кусдзысты ахуыргæнæндæтты директорты уынаффæгæнджытæй æфсæддон-патриотон хъомылады фарстаты фæдыл.




