Бæрнон кусджытæ æрныхас кодтой куыстуаты райрæзты фарстатыл
Сергей Меняйлойæн кусæг фембæлд уыд акционерон æхсæнад «Кристалл»-ы директорты советы уæнг Владимир Матюшкоимæ. Бæрнон кусджытæ æрныхас кодтой куыстуаты райрæзты фарстатыл. Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы æмæ хицауады пресс-службæйæ куыд хъусын кæнынц, афтæмæй бæстон æрлæууыдысты, хæстæгдæр рæстæг нæ республикæйы хæрзхъæд æрхуы уадзын кæй райдайдзысты, ууыл. Куыстытæ нысан кæнынц ацы аз апрелы райдайын. Владимир Матюшко радзырдта куыстуаты цы цалцæг скодтой, уый тыххæй. Бантыст ма сын алфамбылай территори саив кæнын дæр. Уымæй дарддæр сног кодтой тайæн æмæ прокатон кусæнгæрзтæ. Ныртæккæ заводы кусынц 29 адæймаджы. Ацы аз штат нысан кæнынц 60-йы онг фæфылдæр кæнын. Сергей Меняйло куыд бафиппайдта, афтæмæй промышленнон куыстад рауадзын нæ регионæн дæтты бирæ гæнæнтæ. Стæй Цæгат Ирыстоны разамындæн уый у ахсджиаг хъуыддаг. Ивгъуыд азы августы Сергей Меняйло кусæг балцы бабæрæг кодта завод «Кристалл», федта цехтæ. Уæд республикæйы Сæргълæууæг бæрнон кусджыты раз сæвæрдта хæс – инвестицион проект царды рауадзыны тыххæй сæрмагонд пълан-график бацæттæ кæнын.
