филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:11 суббота, 18 мая 2024
11 февраля 2022, 12:46
Сергей Меняйло фембæлд фтизиопульмонологийы клиникон центры сæйраг дохтыр Кобесты Николаимæ стæй профессор Малиты Батырбегимæ

Уæвгæ Батырбеджы æнтыстдзинæдтæ æнæниздзинадхъахъхъæнынады къабазы æмæ наукон-практикон архайды сты хицæн ныхасы аккаг

Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйло кусæг фембæлд сарæзта республикæйы фтизиопульмонологийы клиникон центры сæйраг дохтыр Кобесты Николаимæ стæй медицинон наукæты доктор, профессор Малиты Батырбегимæ. Уæвгæ Батырбеджы æнтыстдзинæдтæ æнæниздзинадхъахъхъæнынады къабазы æмæ наукон-практикон архайды сты хицæн ныхасы аккаг. Профессор у цалдæр паддзахадон хæрзиуæджы æмæ ордены хицау. Сергей Меняйло йын ракодта арфæ, йæ профессионалон архайды фæдыл. Уымæн æмæ йæ разамындæй тарнизы ныхмæ диспансеры куыст сси дæнцæгæн хæссинаг, загъта регионы разамонæг. Малиты Батырбег дæр загъта бузныджы ныхæстæ, ахæм стыр аргъ ын кæй кæнынц, уый тыххæй. Фидарæй зæгъæн ис, нæ республикæйы разамынд зæрдиагæй кæй архайы, регионы транизы ныхмæ службæйы куыст фæхуыздæр кæныны тыххæй. Зæгъæм, арæзт цæуы тарнизы ныхмæ сывæллæтты стационар. Ныртæккæ ахæм хайад кусы сывæллæтты клиникон рынчындоны бындурыл. Ныридæгæн цæттæ у стационары проектон-сметон документаци.

Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, 2019-æм азы Южныйы поселочы байгом тарнизы ныхмæ рынчындон. Сарæзтой дзы 10 ног корпусы, æппæт хъæугæ материалон-техникон базæимæ. Уымæй дарддæр кусы фтизиатрийы кафедрæ. Объект царды рауагътой Паддзахадон программæйы фæрцы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania