Сæйрагдæр темæ, кæй зæгъын æй хъæуы, уыд Аланийыл саргъуыды 1100 азы бон сбæрæг кæныны темæ
Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйло фембæлд Мæскуыйы æмæ æппæт Уæрæсейы патриарх Кириллимæ. Сæ ныхас арæзт æрцыд Мæскуыйы Даниловы аргъуаны. Ахсджиаг фембæлды ма архайдтой Дзæуджыхъæуккаг æмæ алайнаг алчыр Герасим. Нæ республикæйы Сæргълæууæджы æмæ хицауады пресс-службæйæ куыд фехъусын кодтой, афтæмæй Сергей Меняйло бафиппайдта аргъуанты æмæ паддзахады хсæн ахастдзинæдты æнтыстджын рæзт Цæгат Ирыстоны. Уыимæ, ахадгæ къахдзæфтæ конд æрцыд, Дзæуджыхъæуы æмæ Алайнаг епархийы сæргъы Герасим куы рлæууыд, уæдæй фæстæмæ. Фембæлды сæйрагдæр темæ, кæй зæгъын æй хъæуы, уыд Аланийыл саргъуыды 1100 азы бон сбæрæг кæныны темæ. Куыд ма уын æй хъусын кодтам, афтæмæй бæрæгбоны мадзæлттæ ацæудзысты сентябры.




