Иумæ дзырдтой нæ республикæйы транспорты райрæзты фарстатыл
Сергей Меняйло фембæлд профилон ведомствæты æмæ бæлццæттæласæг компаниты минæвæрттимæ. Иумæ дзырдтой нæ республикæйы транспорты райрæзты фарстатыл. Сергей Меняйло куыд фæбæрæг кодта афтæмæй кæд транспорты бæрц фæфылдæр, уæддæр бæлццæттæласæг къабазы уавæр нæ фæхуыздæр. Компанитæ, куыд æмбæлы, афтæ нæ кусынц, нæ фидынц хъалон, стæй не ххæст кæнынц графиккы домæнтæ. Республикæйы разамонæг куыд загъта, афтæмæй дарддæр æмгуыстад кæндзысты, бæлвырд фæткмæ гæсгæ чи кусы, уыцы компанитимæ. Сергей Меняйло куыд загъта, афтæмæй ног къуырийы фембæлдзæн барадхъахъхъæнæг оргæнты дæлхайæдтимæ æмæ иумæ сбæрæг кæндзысты æхсæнадон транспорты куыст. Æмбæлгæ домæнтæ чи не ххæст кæна, уыцы компанитæн æруыромдзысты сæ архайд.




