филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:01 пятница, 17 мая 2024
06 октября 2022, 10:10
Сергей Меняйло фембæлд республикæйы цæрджытимæ

Бирæтæ йæм æрбацыдысты куыд сæхи, афтæ æхсæнадон фарстаты фæдыл

Уæрæсейы Президенты амындмæ гæсгæ, Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйло фембæлд республикæйы цæрджытимæ. Бирæтæ йæм æрбацыдысты куыд сæхи, афтæ æхсæнадон фарстаты фæдыл. Фембæлды архайдтой профилон министртæ æмæ æндæр бæрнон кусджытæ. Уыдон æппæт фарстатæм дæр æркæсдзысты бæрнон цæстæй. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн нæ уацхæссæг Тъехты Элинæ.

Мæздæджы районы Предгорныйы хъæуы нæй амбулатори. 8 азы размæ зæронд бæстыхайы уыд зынгсирвæзт. Уæдæй нырмæ фарста лыггонд нæма у. Республикæйы сæргълæууæгмæ фæсидтис хъæуы цæрæг Хожхамат Ибрагимов. Дзуапп райста. Районы администрацийы ныхæстæм гæсгæ проектон – сметон документаци у цæттæ. Уæдæ цы ран арæзт уыдзæн, уый дæр сбæлвырд кодтой. Уымæй уæлдай ма ис æндæр лыггæнинаг фарста. Предгорныйы æмæ Малый Малгобекы хъæуты цæрджыты хъæуы сæ цæрæнбынæттæ баивын, уымæн æмæ дзы тæссаг у зæхх æнæбæзгæ кæйæ у, уый тыххæй. Уыцы фарстайы тыххæй зоны республикæйы сæргълæууæг дæр.

Хъызлары фæнд кæнынц саразын нырыккон спортивон комплекс. Архайдзысты дзы канд хъæуы фæсивæд нæ, фæлæ хæстæгдæр территориты цæрджытæ. Цæмæй цалцæггæнæн куыстытæ райдайой, уый тыххæй комплекс бафтаудзысты федералон программæтæй иумæ. Проектæн уæлæмхасæн фæрæзтæ радих кæндзысты федералон бюджетæй.

Ныхас ма кодтой Змейкæйы æмæ Комсомольскийы скъолаты бындурон цалцæджы тыххæй. Стыр бæстыхæйттæ не сты, æмæ куыстытæ фæуыдзысты иу азмæ.

Уымæй уæлдай ма æрныхас кодтой культурон бынтæ сног кæныныл. Бæлвырддæр та – Дзæуджыхъæуы фидары къулыл æмæ шахматон клубы фидæныл. Бирæ уыдысты адæмæн сæхи курдиаттæ дæр. Республикæйы хицауады резервон фондæй рахай кæндзысты фæрæзтæ, цæмæй курдиаттæ цы адæм балæвæрдтой, уыдонæн баххуыс кæной бафидын сæ электрон тыхæн хæстæ, фæкæсын, æндæр регионты клиникæты сæхи чи дзæбæх кæной, уыдонæн, стæй æххуысхъуаг бинонтæн цæмæй фæрæзтæ афойнадыл бафидой, уый тыххæй дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania