филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:06 понедельник, 15 декабря 2025
30 июля 2025, 10:36
Сергей Меняйло фембæлд цæрæнуæттæ аразæн бынæттон компаниты разамонджытимæ

Ныхас кодтой, хицæн категориты адæмы цæрæнуæттæй ифтонг кæныны фæдыл проекттæ царды уадзыныл

Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйло фембæлд цæрæнуæттæ аразæн бынæттон компаниты разамонджытимæ. Ныхас кодтой, хицæн категориты адæмы цæрæнуæттæй ифтонг кæныны фæдыл проекттæ царды уадзыныл. Регионы разамонæг куыд загъта, афтæмæй нырыккон уавæртæ домынц арæзтады ног принциптæ. Уымæ гæсгæ ног цæрæнуæттæ, ног микрорайонтæ æнæ территорийы планировкæйæ аразæн нæй. Раздæр куыд арæзтой, афтæ ныр гæнæн нæй. Территориты комплексон рæзтыл кусгæйæ, аразæн компани хъуамæ хъуыды кæны аивдзинады объекттыл, фистæгæйцæуджыты зонæтыл æмæ æндæр иумæйаг бынæттыл. Социалон объектты арæзтад: сывæллæтты рæвдауæндæттæ, скъолатæ, спортивон фæзтæ, раздæрау сты хицаудзинады оргæнты куыст. Аивдзинадыл та хъуамæ куса аразæн компани. Уымæй дарддæр, Сергей Меняйло республикæйы аразджытæн бахæс кодта æмгуыстады фарстатыл бакусын. Ныхас цæуы – адæмы кæлæддзаг хæдзæрттæй ногтæм раивыныл, бирæсывæллонджын æмæ фæкæснхъуаг, стæй сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты бинонтæн, сидзæр сывæллæттæн æмæ инвалидтæн æххуыс кæныныл. Уыимæ, цæрæнæутты программæты архайыны бон у æрмæст республикæйы цæрджытæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania