филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:42 суббота, 13 декабря 2025
11 декабря 2025, 11:06
Сергей Меняйло фембæлд Уæрæсейы хъæбатырты хæстæджытимæ. Мадзал ацыд республикæйы ветеранты советы, баст уыд Фыдыбæстæйы хъæбатыры бонимæ

Архайджыты хсæн уыдысты Уæрæсейы хъæбатыртæ Валерий Куков æмæ Руслан Нальгиев

Сергей Меняйло фембæлд Уæрæсейы хъæбатырты хæстæджытимæ. Мадзал ацыд республикæйы ветеранты советы, баст уыд Фыдыбæстæйы хъæбатыры бонимæ. Архайджыты хсæн уыдысты Уæрæсейы хъæбатыртæ Валерий Куков æмæ Руслан Нальгиев. Фембæлды ныхас цыди, бирæ хæттыты æфсæддонтæ æмæ хæстонтæ сæ цардæй кæй балхæнынц, уыцы сгуыхтдзинæдты æмæ лæгдзинады тыххæй. Стыр æргом аздæхтой, цæмæй рохуаты мачи баззайа, уымæ. Хæрзиуджытæ, уæлдайдæр та Хъæбатыры стъалы хъуамæ лæвæрд цæуа æрмæстдæр уый аккаг чи у, ахæм адæмæн. Фæлæ не мзæххонтæ ордентыл æмæ майдантыл никуы тох кодтой, сæйрагдæр сын уыд æмæ у  Фыдыбæстæмæ уарзондзинад. Республикæйы Сæргълæууæг куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй Ирыстоны ахсджиаг у фæлтæрты бастдзинад, уымæ гæсгæ абон сæрмагонд æфсæддон операцийы чи архайы, æмæ паддзахады бартæ чи хъахъхъæны, уыцы æфсæддонты сæрыстырæй схуыдта Уæлахиздзауты фæдонтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania