филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:11 суббота, 28 сентября 2024
18 мая 2021, 14:53
Сергей Меняйло фембæлд Уæрæсейы телеуынынады æмæ радиохъусынады хызты минæвæрттимæ

Республикæйы Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг радта паддзахадон хæрзиуджытæ

Республикæйы Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйло фембæлд Уæрæсейы телеуынынады æмæ радиохъусынады хызты минæвæрттимæ. Сергей Меняйло сын арфæ ракодта куыстуаты 20 азы боны фæдыл. Ацы аз ма республикæйы бæрæг кæнынц, радиохъусынад кусын куы райдыдта, уый 90 азы, стæй телеуынынады 60 азы. Цæгат Ирыстоны разамонæг стыр аргъ скодта, регионы нымæцон телеуынынадмæ рахизыны проектæн. Генералон директоры фыццаг хæдивæг Олег Адамов радзырдта субъекты территорийы се мгуыстады тыххæй. Бæлвырддæр та – ахæм стыр проекттæ куыд Дзæуджыхъæуы радио æмæ телеуынынады сигналдæттæг комплексы, йæ аргъ у иу миллиард соммæ хæстæг, стæй Мамысоны курорты бастдзинады мæсыгы арæзтад.

Фембæлды кæронбæттæн Сергей Меняйло радта паддзахадон хæрзиуджытæ. Афтæ, Фыдыбæстæйы раз сгуыхтдзинæдты 1-аг къæпхæны ордены аккаг сси сæйраг инженер Сарахъаты Михаил. Фыдыбæстæйы раз сгуыхтдзинæдты 2-аг къæпхæны орден радтой участочы хицау Зæнджиаты Маратæн æмæ филиалы директоры хæдивæг Антон Михайловæн. «Ирыстоны намысы» майданæй хорзæхгонд æрцыди генералон директоры хæдивæг Олег Адамов æмæ филиалы директор Æгъуызарты Роберт.Республикæйы хицауады сæрдары хæдивæг Фадзайты Æхсарбег та арфæйы фыстæг райста бæстæйы Президент Владимир Путины номæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania