Ныхас цыдис, национ проектты æмæ паддзахадон программæты фæлгæты цы мадзæлтæ аразынц, уыдоныл дæр
Республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло хицауады уæнгтимæ æрдзырдта, Президенты хæслæвæрдтæ куыд æххæстгонд цæуынц, ууыл. Ныхас цыдис, национ проектты æмæ паддзахадон программæты фæлгæты цы мадзæлтæ аразынц, уыдоныл дæр. Регионы разамонæг куыд бахахх кодта, афтæмæй бæрнон ведомствæты хъæуы фæахадгæдæр кæнын райрæзты институттимæ æмгуыстад. Ныртæккæ нæ республикæ кусы территориты райрæзты фонд, корпораци ДОМ.РФ, стратегион хъæппæристы агентад æмæ Кавказ РФ.-имæ. Хицæн цæстдард уыдзæнис социалон инфраструктурæйы объектты арæзтад æмæ цалцæгмæ. Сергей Меняйло бадомдта, цæмæй æмгъуыдтæ æххæстгонд цæуой æмæ объекттæ афойнадыл сцæттæ уой. Уæлдай æргом, регионы разамонæджы хъуыдымæ гæсгæ, аздахын хъæуы цæугæдæтты былгæрæттæ фидар кæныны куыстмæ, стæй Æрыдоны, Алагиры, Дигорайы æмæ Беслæны бырондæтты рекультивацимæ. Туризмы комитетæн та бабар кодтой, цæмæй цæст дара грантты конкурсмæ нæ республикæ цы курдиæттæ арвыста, уыдонмæ. Сæрмагондæй æркастысты, инвестициты совет кæй сфидар кодта, уыцы проекттæ куыд аразынц, уымæ. Сергей Меняйло куыд бахахх кодта, афтæмæй бадзырды домæнтæ хъуамæ сæххæст кæной, куыд æмбæлы, афтæ.




