09 декабря 2022, 11:51
Сергей Меняйло Ирыстоны намысы майданæй схорзæхджын кодта медицинон службæйы булкъон Багаты Оледжы
Æфсæддонæн ахæм бæрзонд республикон хæрзиуæг лæвæрд æрцыд, йе профессионалон хæс сæрмагонд æфсæддон операцийы рæстæг иттæг хорз кæй сæххæст кодта, уый тыххæй
Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйло Ирыстоны намысы майданæй схорзæхджын кодта медицинон службæйы булкъон, Уæрæсейы национ гвардийы æфсæдты 1-æгæм госпиталы хицау Багаты Оледжы. Æфсæддонæн ахæм бæрзонд республикон хæрзиуæг лæвæрд æрцыд, йе профессионалон хæс Украинæйы сæрмагонд æфсæддон операцийы рæстæг иттæг хорз кæй сæххæст кодта, уый тыххæй.
темæмæ гæсгæ




