Бæдуаты Роман, Бесаты Зæринæ, Быгъуылты Беллæ, Гæлæуты Иринæ, Хъараты Элинæ, Томайты Аллæ æмæ Лариса Воскобойниковайæн лæвæрд æрцыд Цæгат Ирыстоны сгуыхт дохтыры ном
Республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло медицинон кусæджы боны кадæн схорзæхджын кодта къабазы кусджыты. Се *нтыстдзинæдты æмæ профессионализмы тыххæй Бæдуаты Роман, Бесаты Зæринæ, Быгъуылты Беллæ, Гæлæуты Иринæ, Хъараты Элинæ, Томайты Аллæ æмæ Лариса Воскобойниковайæн лæвæрд æрцыд Цæгат Ирыстоны сгуыхт дохтыры ном. Хъуысаты Аллæ та сси Республикæйы æнæниздзинадхъахъхъæнынады сгуыхт кусæг. Республикæйы Кады гæххæттæй хорзæхджынгонд æрцыдысты, бирæ азты медицинæйæн чи снывонд кодта – регионы медицинон куыстуæтты 23 минæвары. Сергей Меняйло сын арфæ ракодта, загъта стыр бузныг сæ зæрдиаг куысты тыххæй.




