06 марта 2024, 13:17
Сергей Меняйло, нæ республикæйы делегацийы фарс рахæцынмæ, ацыд фæсивæды Æппæтдунеон фестивальмæ
Нæ регионы номæй дзы архайы 90 лæппуйы æмæ чызджы
Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйло, нæ республикæйы делегацийы фарс рахæцынмæ, ацыд фæсивæды Æппæтдунеон фестивальмæ. Нæ регионы номæй дзы архайы 90 лæппуйы æмæ чызджы. Сты активон æмæ ирд фæсивæд. Егъау форум цæуы федералон территори «Сириус»-ы Краснодары крайы. Цæгат Ирыстоны минæвæрттæ се ппæты зæрдæтæ барухс кодтой национ кафт Симдæй. Официалон программæйы не мзæххонтæ равдисдзысты вокалон æмæ кафæн номыртæ. Уымæй дарддæр, форумы программæ æххæст кæнгæйæ, адæмы размæ рахæсдзысты сæ хæринаг кæныны арæхстдзинад. Форумы ма архайы Хуссар Ирыстоны делегаци дæр. Йæ хыгъды ис 124 адæймаджы, стæй авдæй та сты фествалы уазджытæ.
темæмæ гæсгæ




