Хæдзæрттæ арæзт æрцыдысты федералон программæмæ гæсгæ
Сергей Меняйло ног цæрæнуæттæй дæгъæлтæ радта республикæйы раззагдæр хъæууонхæдзарадон куыстуæттæй иуы минæвæрттæн. Хæдзæрттæ арæзт æрцыдысты федералон программæмæ гæсгæ. Кæмæн сæ радих кодтой, уыдоны куыд æвзæрстой, æмæ ма æххуысмæ кæй бон у æнхъæлмæ кæсын, уый тыххæй радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
Кооператив «Де-Густо» у республикæйы раззагдæр хъæууонхæдзарадон куыстуæттæй иу. Дæргъвæтин арендæйы хуызы цы зæххытæй пайда кæнынц, уыдоны иумæйаг фæзуат у 2 мин гектарæй фылдæр. 20 азмæ кооперативы архайд дзæвгар фæпарахатдæр ис. Ныртæккæ дзы кæнынц таладон, дыргъ æмæ сæндондарыны куыст, стæй зайын кæнынц хортæ æмæ дарынц фос. Абон ам фæллой кæны 70 адæймаджы онг. Куыстуаты ахадгæ архайды фæрцы бантыст сæххæст кæнын кусджытæн хæдзæрттæ аразыны проект. У федералон. Царды йæ рауадзынæн бахъуыд 32 милуан сомы. Куыстдæттæг бахаста хæрдзты 20 проценты. 80 проценты та сæхимæ райстой федералон æмæ регионалон бюджеттæ, 1 процент та ма – районы администраци. Уый хорз фæлтæрддзинад у, загъта Сергей Меняйло. Ахæм проекттæн æххуыс кæнын хъæуы фидæны дæр.
Цæрæнуæттæ дæттынц социалон æххуырсты бадзырдмæ гæсгæ. Уый та нысан кæны, хæдзар администрацийы исбонады кæй ис. Домæнтæм гæсгæ кусæг хъуамæ куыстуаты фæллой кæна 5 азы дæргъы. Уый фæстæ, цæрæнуат ис раттын цæрæджы исбонадмæ, цæмæй йæ уый фæстæ льготæмæ гæсгæ балхæна. Компанийы куыд зæгъынц, афтæмæй уый адæмы разæнгард кæны ахадгæ куыст кæнынмæ, стæй ма раздахы æрыгон специалистты æргом дæр.
Æвзæрст æххæстгонд цæуы 2 критеримæ гæсгæ. Кусæджы æцæгдæр куы фæхъæуы цæрæн уавæртæ фæхуыздæр кæнын, кæнæ та йæ куы фæхъæуы куыстмæ æндæр районæй цæуын. Ахæм уавæр сæвзæрд Тарскæйы цæрæг Засеты Асланæн. Ныр йæ бинонтимæ цæрдзæн йæ куысты бынатмæ хæстæг.
Засеты Аслан, хъæууонхæдзарадон кооперативы бригадир: «Мæ бинонты зæрдæмæ дæр цæуы ацы хабар. 2 сывæллоны мын ис. Ныр цæрдзысты хуыздæр. Мæ бинойнаг дæр «Де-Густо»-йы кусы бухгатерæй, æз дæр уым кусын. Æмæ уыдзæн ныр бынтон хорз».
Ног цæрæнуæттæм чи раивта, уыдоны хсæн бирæсывæллонджын бинонтæ чысыл нæй. Æппæт хæдзæрттæ алцæмæй дæр æххæст сты. Сцалцæг сæ кодтой, ис дзы газ, дон, сантехникæ, кусы хъармгæнæн системæ.
Цæрæнуæттæ райсынмæ ма рады лæууы 3 кусæджы. Кооперативы куыд зæгъынц, афтæмæй хæстæгдæр цалдæр азы дæргъы уыдонæн дæр сараздзысты хæдзæрттæ.




