УФ-йы Президенты указмæ гæсгæ, æфсæддонтæ хъæбатырдзинад кæй равдыстой, уымæ гæсгæ сæ амæлæты фæстæ хорзæхгонд æрцыдысты лæгдзинады ордентæй
РЦИ-А сæргълæууæг Сергей Меняйло паддзахадон хæрзиуджытæ радта, сæрмагонд æфсæддон операцийы йæ хæстæ æххæстгæнгæйæ чи фæмарди, уыдоны хæстæджытæн. УФ-йы Президенты указмæ гæсгæ, æфсæддонтæ хъæбатырдзинад кæй равдыстой, уымæ гæсгæ сæ амæлæты фæстæ хорзæхгонд æрцыдысты лæгдзинады ордентæй. Сергей Меняйло бузынг загъта хæстонты ныййарджытæн. Фидарæй зæрдæ бавæрдта, республикæ сын алывæрсыг æххуыс кæй кæндзæн, уымæй. Хæрзиуджытæ дæттыны мадзалы ма архайдтой республикæйы фæллойы æмæ социалон рæзты министры хæдивæг Маматы Анджелæ, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн паддзахадон æххуысы фонд «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты» республикон хайады разамонæг Хетæгкаты Маринæ æмæ РЦИ-А æфсæддон комиссары хæдивæг Джиоты Алан.




