Республикæйы сæргълæууæг се ппæты зæрдыл æрлæууын кодта, ныртæккæ дзы Цæгат Ирыстонæй бархионты 2 отряды кæй ис
Сергей Меняйло районты сæргълæуджытæн бабар кодта саразын бархион отрядтæ, Украинæйы сæрмагонд æфсæддон операцийы архайынæн. Республикæйы сæргълæууæг се ппæты зæрдыл æрлæууын кодта, ныртæккæ дзы Цæгат Ирыстонæй бархионты 2 отряды кæй ис: иу архайы– 4 мæйы, иннæ та – 2. Йæ ныхæстæм гæсгæ, сæрмагонд операцийы архайджытæ алцæмæйдæр сты æххæст– сгарæн аппаратурæйæ, уæззау техникæйæ, хъæугæ экипировкæйæ. Отрядтæ аразыны тыххæй ис бадзырд Уæрæсейы хъахъхъæнынады министрадимæ. Аппаратон æмбырды ма дзырдтой коронавирусы уавæрыл дæр. Къуыримæ рынчынты нымæц фæфылдæр 27 проценты. Фылдæр хатт рынчынты госпитацизаци кæнын нæ фæхъæуы, загъта фæлхасадмæ цæстдарды управленийы разамонæг Тыбылты Алан. Æрыдоны рынчындоны баиу кодтой туаггуыры ног станцæ, тагъдæххуысы клиникон рынчындоны системæ хъуамæ скуса ацы къуыри, хæстæгдæр рæстæг та ма республикæйы скусдзысты ноджыдæр 2 ахæм станцæйы.




