филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:09 воскресенье, 01 февраля 2026
09 декабря 2021, 11:58
Сергей Меняйло разамындæй аразт æрцыд наркотикты ныхмæ къамисы æмбырд

Æнæниздзинадхъахъхъæнынады министрад, прокуратурæ æмæ мидхъуыддæгты министрадæн бабар кодтой, цæмæй уыцы къабазы саразой æнгом æмгуыстад

Æнæзакъон архайды тыххæй сæ лицензи цы фармацевтон куыстуæттæн байстой, уыдонæн хъуамæ дыккаг хатт бардæттæг гæххæт мауал радтой. Уый тыххæй наркотикты ныхмæ къамисы æмбырды загъта Сергей Меняйло. Æнæниздзинадхъахъхъæнынады министрад, прокуратурæ æмæ мидхъуыддæгты министрадæн бабар кодтой, цæмæй уыцы къабазы саразой æнгом æмгуыстад. Куыд сбæрæг ис, афтæмæй сæ лицензи кæмæн байстой, уыцы фармацевтон компанитæй иуæй иутæ хостæ дарддæр уæй кæнынц, кæйдæр бардæттæг гæххæттытæй пайда кæнгæйæ. Афтæмæй республикæйы цæуы, уæззау хосты æнæзакъон зилдух. Уыцы хъуыддагæн ис æруыромæн æрмæстдæр æмгуыстады фæрцы — бафиппайдта Сергей Меняйло. Уæрæсейы æнæниздзинадхъахъхъæнынадмæ цæстдарды разамонæг Ольгæ Давыдова куыд загъта, афтæмæй ныридæгæн байстой æхсæз лицензийы. Уыйимæ зынгæ фæкъаддæр ис, хостæ уæй кæныны фæтк чи халы, уыцы афтекты нымæц. Наркотикты ныхмæ къамисы секретарь Луиза Лебедева бахаста фæндон, цæмæй ахæм барадхæлдыты фæдыл административон æрмæджытæ комкоммæ æрвитой Арбитражон тæрхондонмæ. Уæд амалхъом адæймаг фондз мин сомы бæсты ивар бафиддзæн сæдæ мин сомы бæрц, йæ коммерцион архайд та йын æруыромдзысты нæуæдз суткæйы онг.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania