Æппæтуæрæсеон æхсæнадон-паддзахадон хъæппæрисы лауреаттæ ацы аз систы 13-аздзыд Къубалты Камилæ, 14-аздзыд Золойты Анжеликæ æмæ 11-аздзыд Мырыккаты Артур
Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйло риуылдаргæ нысан «Горячее сердце»-йæ схорзæхджын кодта æртæ скъоладзауы. Æппæтуæрæсеон æхсæнадон-паддзахадон хъæппæрисы лауреаттæ ацы аз систы 13-аздзыд Къубалты Камилæ, 14-аздзыд Золойты Анжеликæ æмæ 11-аздзыд Мырыккаты Артур. Камилæ æмæ Анжеликæ фарон, 1-æм июны, Мæздæджы горæты фæзы аирвæзын кодтой, чи ферхæцыд, уыцы сабийы, Артур та фервæзын кодта, цады чи фæцæйныгъуылд, уыцы лæппуйы. Сергей Меняйло арфæ ракодта куыд сывæллæттæн, афтæ сæ ныййарджытæн дæр, ахæм хорз цот кæй схъомыл кодтой, уый тыххæй. Республикæйы разамонæг куыд бафиппайдта, афтæмæй ахæм кæстæртæй дæнцæг исдзысты се мгæрттæ. Æппæтуæрæсеон æхсæнадон-паддзахадон хъæппæрис «Горячее сердце» кусы 2013-æм азæй фæстæмæ. Йæ нысан у, царды зын уавæрты сæрæндзинад æмæ уды фидардзинад чи равдыста, стæй сыгъдæгзæрдæйæ адæмæн чи æххуыс кæны, уыцы æрыгон адæмы схорзæхджын кæнын. Йæ лауреаттæн раттынц риуылдаргæ нысантæ, стæй сæ бахæссынц Кады чиныгмæ. Ацы аз æм хаст æрцыдысты 184 адæймаджы.




