Ууыл ныхас цыди æрвыкъуырион аппаратон æмбырды
Республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло Цæгат Ирыстоны ахуырады министрадмæ бахаста, скъола сызгъæрин майданыл каст чи фæци, æмæ иумæйаг паддзахадон фæлварæн 100 баллæн чи радта, уыцы фæсиæдæн сæрмагонд мадзал бацæттæ кæныны фæндон. Ууыл ныхас цыди æрвыкъуырион аппаратон æмбырды. Ахуырады æмæ наукæйы министр Алыбекты Эллæ куыд фехъусын кодта, афтæмæй иумæйаг паддзахадон фæлварæнты сæйраг рæстæг кæронмæ æрхæццæ. Алцыдæр ацыд фæткмæ гæсгæ. Фæлварæн чи нæ радта, уыдонæн ногæй сæхи бафæлварынæн радих кодтой резервон бонтæ. Æмбырды ма ныхас цыди Доны станцæйы æмæ Дендрарийы парчы цур машинæтæн æрлæууæн бынæттæ кæй нæ фаг кæны, ууыл. Сæрдыгон ацы фæлладуадзæн бынæттæ вæййынц тынг ахадгæ. Сæргълæууæг бахæс кодта, транспорты комитетимæ иумæ фарста алыг кæнын. Аппаратон æмбырды ма æрдзырдтой боныхъæды уавæртыл дæр. 16-17-æм июны республикæйы тæссаг у тыхджын къæвдатæ, их æмæ дымгæйæ. Уымæ гæсгæ Дзæуджыхъæуы, Алагиры æмæ Горæтгæрон районтæ раивтой сæрмагонд цæттæдзинады фæткмæ. Профилон ведомствæтæн Сергей Меняйло бахæс кодта, æнæнхъæлæджы уавæрты рæстæг сæ куысты фæтк ног, ахадгæдæр хуызы рацаразын æмæ бригадты нымæц фæфылдæр кæнын.
