Йæ хъуыдымæ гæсгæ, ацы бæрæгбон у кусын чи зоны æмæ уарзы, йæ цард йæхи куыстæй чи аразы æмæ сыгъдæгзæрдæйæ чи фæллой кæны, уыдоны
Республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло Цæгат Ирыстоны цæрджытæн арфæ ракодта уалдзæджы æмæ фæллойы боны фæдыл. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, ацы бæрæгбон у кусын чи зоны æмæ уарзы, йæ цард йæхи куыстæй чи аразы æмæ сыгъдæгзæрдæйæ чи фæллой кæны, уыдоны. 1-æм май у сабырдзинады, хæлардзинады, иузæрдиондзинады символ. Иу кæны адæмы æмæ сæ разæнгард кæны бæстæйы бæллиццаг æмæ райдзаст фидæнмæ. Сергей Меняйло куыд загъта, афтæмæй республикæйы размæ цы хæстæ æмæ нысантæ ис, уыдон сты алывæрсыг æмæ ахадгæ, хъæуы сыл иумæйагæй бакусын. Разæй нæм æнхъæлмæ кæсынц ног проекттæ, цардархайды æппæт къабæзты: экономикæйы, ахуырады, хъæууон хæдзарады æмæ бирæ æндæрты. Республикæйы Сæргълæууæг уæлдай бузныг загъта хистæр кары адæмæн, уыдон бахъахъхъæдтой нæ рагон традицитæ, сæ сæйрагдæртæй иу – фæллой кæнын, абон уыцы æгъдæутты фæрцы æрыгон специалисттæ æфтауынц сæ фæлтæрддзинадыл.