филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:56 воскресенье, 01 февраля 2026
19 декабря 2024, 10:58
Сергей Меняйло видеоформаты хуызы архайдта фæндæгты æдасдзинады фарстаты фæдыл къамисы æмбырды

Разамынд ын лæвæрдта хицауады сæрдары хæдивæг Марат Хуснуллин

Сергей Меняйло видеоформаты хуызы архайдта фæндæгты æдасдзинады фарстаты фæдыл къамисы æмбырды. Разамынд ын лæвæрдта хицауады сæрдары хæдивæг Марат Хуснуллин. Ныхас цыди фæндæггон фыдбылызтыл æмæ уавæр сраст кæныныл. Вице-премьер куыд загъта, афтæмæй Президент радта бæлвырд хæстæ æмæ нысантæ, фæндаггон фыдбылызтæ фæкъаддæр кæнынæн мадзæлттæ ссарынæн. Хъуамæ 2036-æм азмæ фæкъаддæр уой дыууæ хатты. Æмбырды æрдзырдтой Уæрæсейы фæндаггон æдасдзинады стратегийы проектыл дæр, баст уыдзæни национ проект «Царды инфраструктурæ»-имæ. Уæрæсейы мидхъуыддæгты министрад бакуыста «Фæндæггон змæлды æдасдзинад»-ы федералон проектыл. Марат Хуснуллин регионты разамонджытæн бахæс кодта, фæндаггон змæлды æдасдзинады æмвæзад фæбæрзонддæр кæныны фарстамæ бæрнон цæст æрдарын. Вице-премьеры хъуыдымæ гæсгæ, стыр æргом аздахын хъæуы фистæгæй цæуджыты æдасдзинады профилактикæмæ, стæй сывæллæтты архайдимæ фæндаггон змæлды æдасдзинады мадзæлттыл ахадгæдæрæй бакусын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania