филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:01 воскресенье, 28 апреля 2024
20 марта 2024, 11:19
Сергей Меняйло видеоконференцийы хуызы архайдта парти «Иугонд Уæрæсе»-йы Генералон советы Президиумы æмбырды

Амыдта йæ Генералон советы Секретарь  Андрей Турчак

Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг, политикон парти «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон хайады секретарь Сергей Меняйло видеоконференцийы хуызы архайдта партийы Генералон советы Президиумы æмбырды. Амыдта йæ Генералон советы Секретарь  Андрей Турчак. Æмбырды хатдзæгтæ скодтой Уæрæсейы Президенты æртæ боны æвзæрстытæн. Андрей Турчак куыд загъта, афтæмæй ацы хатт æрцыд историон цау. Сæ граждайнаг цæстæнгас нæ бæстæйы равдыстой тынг бирæ æвзарджытæ. Схъæлæс кодтой 77%. Уый та 76 милуан адæймагæй фылдæр. Парти йæ размæ æвæрдта хæс, æвзарæн участоктæм æмæ хъæлæс кæныны дистанцион хуызы 30 милуан адæймаджы ргом раздахын. Уый сæ къухы бафтыд уæлдайджынтæй. Уымæй дарддæр ма бæрнон кусæг се ппæты зæрдыл æрлæууын кодта, «Иугонд Уæрæсе» рагагъоммæ кæй сæмбырд кодта 2 милуан къухфысты, Владимир Путины ног президенты мгъуыдмæ ракæныны фарс. Генералон советы президиумы æмбырды ма фехъусын кодтой, 21-æм мартъийæ 26-æм маймæ кæй цæудзысты рагагъоммæ æвзæрстытæ. Уый фæстæ сентябры, хъæлæс кæныны иумæйаг боны ацæудзæн 67 æвзарæн кампанийы Уæрæсейы 40 регионы. Хицæнæй æрлæууыдысты ахсджиаг фарстайыл – Иугонд Уæрæсейæ цалдæр кандидаты сты сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ. Партийы хайæдтæ сын бакæндзысты алывæрсыг æххуыс, – загъта Андрей Турчак.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania