Сергей Меняйло куыд загъта, афтæмæй цæхæрадæтты дон пырхгæнæн тарифмæ хъæуы бæстон æркæсын
Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйлойæн кусæг фембæлд уыд цæрæнуæтты коммуналон хæдзарады, артаджы æмæ энергктикæйы министр Хъараты Тимуримæ. Сергей Меняйло куыд загъта, афтæмæй цæхæрадæтты дон пырхгæнæн тарифмæ хъæуы бæстон æркæсын. 2026-æм азы 1-æм январы бакусдзысты регионалон программæйыл, цæмæй, льготæтæ чи исы, уыцы адæмæн нымайæн прибортæ æвæрой Дондзæуæн куыстуаты хардзæй. Уæвгæ, цæхæрадæттæ донæй пырхгæнæн тариф майæ августы онг уый у федералон закъоны домæн. Махмæ æххæстгонд нæ цыд 10 азæй фылдæр, – бахынцта регионы разамонæг. Рахаста уынаффæ, цалынмæ цæхæрадæтты фæзуæттæм ногæй не ркæсой, уæдмæ фиддонтæ исын не мбæлдзæн. Федералон закъон æххæст кæнын æнæмæнг хъæуы, фæлæ уыцы-иу рæстæг адæмимæ æмбарынгæнæн куыст дæр.




