Республикæйы разамонæг ын арфæ ракота йæ ахадгæ куысты тыххæй, æмæ йын бахаста фæндон, ног къабазы сæргъы æрлæууын
РЦИ-А Сæргълæууæг Сергей Меняйлойæн кусæг фембæлд уыди Хицауады сæрдары хæдивæг Бокоты Эльбрусимæ. Республикæйы разамонæг ын арфæ ракота йæ ахадгæ куысты тыххæй, æмæ йын бахаста фæндон, ног къабазы сæргъы æрлæууын. Баст у арæзтадимæ æмæ цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарадимæ. Хъуыддаг фæрæвдз кæныны тыххæй уал нысангонд æрцыди республикæйы Сæргълæууæджы уынаффæгæнæгæй, цæмæй йын цы къабаз бабар кæной, уымæн уал ног мадзæлтты пъланыл æмæ хъæугæ документтыл бакуса, уый тыххæй. Хæстæгдæр рæстæг хъуамæ ацы къабаз кусын райдайа закъонмæ гæсгæ. Сергей Меняйлойы ныхæстæм гæсгæ, Бокоты Эльбрусмæ уыцы хъуыддаджы ис зонындзинæдтæ æмæ фæлтæрддзинад. Ахсджиаг у къабаз фæуæрæхдæр кæнын æмæ йæм ногдзинæдтæ бахæссын. Зæгъын хъæуы уый, æмæ УФ-йы иуæй-иу регионты ныридæгæн кусы ног хуызы. Мах нæ размæ вæрæм хæс, цæмæй ног азмæ бакъахдзæф кæнæм зæрдæмæдзæугæ бæрæггæнæнтимæ, загъта Сæргълæууæг. Бокоты Эльбрус дæр йæхи рдагæй дзырд радта, куыстытæ æмбæлгæ уагыл арæзт кæй цæудзысты, уымæй.




