филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:57 суббота, 31 января 2026
27 декабря 2022, 11:18
Сергей Меняйлойæн кусæг фембæлд уыди паддзахадон корпораци Кавказ.РФ-ы генералон директор Андрей Юмшановимæ

Æрныхас кодтой, хæххон курорт «Мамысон»-ы арæзтад куыд цæуы, ууыл

Сергей Меняйлойæн кусæг фембæлд уыди паддзахадон корпораци Кавказ.РФ-ы генералон директор Андрей Юмшановимæ. Æрныхас кодтой, хæххон курорт «Мамысон»-ы арæзтад куыд цæуы, ууыл. Иннæ аз нысан кæнынц бирæвæрсыг центры арæзтад райдайын, уыдзæн дзы машинæты æрлæууæн 460 бынатæн, стæй мит чи хъæбæр кæны, ахæм техникæйæн гараж. Уымæй уæлдай дзы уагъд æрцæудзæн инженерон хызтæ. 2024-æм азы кæронмæ та Мамысоны комы фæнд кæнынц дыууæ ауындзгæ фæндагæн инфраструктурæ саразын. Фæлладуадзæн бынат байгом кæнынмæ дзы кусдзæн къахдзоныгътыл бырынæн 20 км трассæ, фысымуæттæ æмæ ресторантæ. Фембæлды ма ныхас цыди инвестицион проекттæ царды куыд æххæстгонд цæуынц, ууыл дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania