Æрныхас кодтой 2021-æм азы куысты хатдзæгтыл, æмæ фидæнмæ нысантыл
РЦИ-А Сæргълæууæг Сергей Меняйлойæн кусæг фембæлд уыди республикæйы тæрхондæтты пъырыстыфты федералон службæйы управленийы разамонæг Къесаонты Игоримæ. Æрныхас кодтой 2021-æм азы куысты хатдзæгтыл, æмæ фидæнмæ нысантыл. Къесаонты Игоры ныхæстæм гæсгæ, ивгъуыд аз ведомствæйæн хуымæтæг нæ рауад. Пъырыстыфты хæстæ фæдывæр сты. Зæгъæм, нæ республикæйы цы 7 сæдæ мин адæймаджы цæры, уыдоныл, æмтгæй райсгæйæ, арæзт æрцыди 1 милуан æххæстгæнæн хъуыддаджы. Сæйраг пъырыстыф куыд загъта, афтæмæй амынд рæстæгмæ управленийы къухы бафтыд бирæ æнтыстдзинадтæ. Æххæстгæнæн хъуыддæгтæ баххæст кодтой 57%. Æнæнхъæлæджы цаутæ куысты нæ сæвзæрд. Сергей Меняйло фæнысан кодта, нырыккон уавæртæ хынцгæйæ, ведомствæйы куыст ахсджиаг кæй у, уый.




