Сæйраг темæ – терроризмы профилактикæйы æппæтадæмон культурон-патриотон центр «Беслæн. 1-æм скъола» -йы арæзтад кæронмæ ахæццæ кæнын
Республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйлойæн кусæг фембæлд уыди Уæрæсейы реставраторты Цæдисы президент Вячеслав Фатинимæ æмæ реставрацион компани разамонæг Петр Павловимæ. Сæйраг темæ – терроризмы профилактикæйы æппæтадæмон культурон-патриотон центр «Беслæн. 1-æм скъола» -йы арæзтад кæронмæ ахæццæ кæнын. Куыстытæ дзы Цæгат-Кавказы федералон зылды рæзты фæлгæты райдыдтой 2021-æм азы. Радих ын кодтой 250 милуан сомы. Йæ нысан у теракты æнаххос амæттæгты рухс ном сæнусон кæнын. Алы фæзилæны тыххæй дæр ныхас кодтой «Беслæны Мадæлты» ассоциацийы минæвæрттимæ.
Цæгатирыстойнаг реставраторты хуындмæ гæсгæ 2022-æм азы Уæрæсейы алы къуымтæй республикæмæ ссыдысты реставратортæ, архитектортæ, инженертæ, нывгæнджытæ, æдæппæтæй 23 специалисты. Центры экспозицион-равдыстадон фæзæн бындур сæвæрынмæ раздæхтой музейон хъуыддаджы бæстæйы æппæтæй раззагдæрн специалистты ргом. Ам сæйраг бынат ахсдзысты теракты бынаты цы дзаумæттæ æмæ æрмæджытæ æрæмбырд кодтой, уыдон. Пайда дзы кæндзысты нырыккон музейон технологитæй. Экскурсион программæ тæлмацгонд уыдзæни цалдæр æвзагмæ.




