Æрдзырдтой, Дзæуджыхъæуы цы стратегион сесси уыд, уый хатдзæгтыл
Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйлойæн уыд кусæг фембæлд республикæйы туризмы комитеты сæрдар Дзæрæхохты Ацæмæзимæ. Æрдзырдтой, Дзæуджыхъæуы цы стратегион сесси уыд, уый хатдзæгтыл. Баст уыд, республикæйы «Хурвæндаджы» хыгъдмæ цы туристон территоритæ бацыд, уыдоны райрæзты мастер-пъланыл бакусынимæ. Комитеты сæрдар радзырдта, сессийы кæй уыд проектыл куысты фыццаг къæпхæны хатдзæгты презентаци, фехъусын кодтой регионы туристон индустрийы райрæзты анализы хатдзæгтæ. Дзæрæхохты Ацæмæзы ныхæстæм гæсгæ, мастер-планæн ис стыр нысаниуæг Цæгат Ирыстоны туризмы къабазы райрæзтæн, сæрмагондæй та – йæ хохаг хайы. Ахсджиаг у, цæмæй документы проекты фæдыл сæ хъуыдытæ æмæ фæндонтæ зæгъой эксперттæ. Сергей Меняйло бабар кодта, ацы куыст ахадгæдæрæй æххæст кæнын, цæмæй ацы аз мартъимæ йæ кæронбæттæн хуыз цæттæ уа. Йе ргом ма аздæхта, туризмы нырыккон информацион технологитæй пайда кæнын кæй хъæуы, уымæ. Сæрмагондæй та – туристон навигаторæй. Профилон комитеты сæрдар фехъусын кодта, информацион навигаторы хуызы дæр кæмæй пайда кæндзысты, уыцы бирæпрофилон æфтуаныл бакуысты статусы тыххæй. Уыдзæн дзы экстремалон уавæрты хи дарыны æгъдæутты, документтæ раст цæттæ кæныны тыххæй æмæ æндæр пайдайаг информаци.




