филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:36 среда, 17 декабря 2025
29 июля 2025, 10:36
Сергей Меняйлойы разамындæй арæзт æрцыд æрвылкъуырион аппаратон æмбырд

Ныхас цыд республикæйы цардархайды фарстатыл

Сергей Меняйлойы разамындæй арæзт æрцыд æрвылкъуырион аппаратон æмбырд. Ныхас цыд республикæйы цардархайды фарстатыл. Оперативон фарстатыл дзургæйæ, Хицауады сæрдары хæдивæг Томайты Ирбег загъта, республикæйы цалдæр районы ис 4-æм кæъпæхæны тæссагдзинад зынгсирвæзтытæй. Ивгъуыд къуыримæ зынгхуыссынгæнджытæ ахуыссын кодтой 60 зынгсирвæзты. Хъыгдард дзы ничи баййæфта. Республикæйы Сæргълæууæг профилон ведомствотæн бабар кодта хъуыддагмæ бæстон кæсын. Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаджы æмæ энергетикæйы министр Хъараты Тимур фехъусын кодта, ныридæгæн Дондзæуæн куыстуаты кусджытæ сæвæрдтой 400 дон нымайæн кусæнгарзы. Фыццаджыдæр сæ æвæрынц бирæсывæллонджын æмæ фæкæсынхъуаг бинонтæн, стæй сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты бинонтæн. Ахуырады æмæ наукæйы министр Алыбекты Эллæ та радзырдта, дарддæр кæй цæуы ахуырадон чингуытæ ног кæныны куыст. Августы скъолаты сног кæндзысты 4-æм, 7-æм æмæ 8-æм кълæсты чингуытæ. Æдæппæтæй 210 экземпляры. Ахуыры азы райдианмæ та 162 скъолайы райсдзысты ног кусæнгæрзтæ. Сергей Меняйло ма профилон министрадæн бабар кодта ног ахуыры азмæ фыццæгæмкъласонтæн лæвæрттæ бацæттæ кæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania