филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:30 воскресенье, 01 февраля 2026
25 января 2023, 12:34
Сергей Меняйлойы разамындæй арæзт æрцыд газ уадзыны фарстаты фæдыл æмбырд

Архайдтой дзы акционерон æхсæнад «Газпром»-ы департаменты хицау Владимир Марков

Сергей Меняйлойы разамындæй арæзт æрцыд газ уадзыны фарстаты фæдыл æмбырд. Архайдтой дзы акционерон æхсæнад «Газпром»-ы департаменты хицау Владимир Марков, æнæххæстбарджын æхсæнад «Газпром межрегионгаз»-ы генералон директор Сергей Густов æмæ цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады кусджытæ. Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг куыд бафиппайдта, афтæмæй республикæйы æмæ газуарæн компаниты хсæн ис æнгом бастдзинад æмæ ахадгæ æмархайд. Сæрмагонд программæ æххæст кæнгæйæ, нæ регионы снысан кодтой 5 хъæуы хсæн газуадзæн хæтæлтæ ауадзын. Афтæмæй ма газæй æххæстæй сифтонг кæндзысты 154 хæдзары. Ныридæгæн программæйы фæрцы курдиæттæ райстой 1686 адæймагæй. Уæрæсейы регионты газификацийы рейтинджы Цæгат Ирыстон ахсы 10-æм бынат.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania