Ныхас цыд, адæмы аварион цæрæнуæттæй æмæ тæссаг районтæй ног бынæттæм ракæныныл
Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы разамындæй арæзт æрцыд кусæг æмбырд æххæстгæнæн хицаудзинады оргæнты разамонджытимæ æмæ муниципалон скондты сæргълæуджытимæ. Ныхас цыд, адæмы аварион цæрæнуæттæй æмæ тæссаг районтæй ног бынæттæм ракæныныл. Æмбырды архайджытæ ма æрдзырдтой сидзæр сывæллæттæн цæрæнуæттæ дæттыныл, бирæсывæллонджын бинонтæн сæ уавæртæ хуыздæр кæныныл, стæй сын æмбæлгæ инфраструктурæимæ зæххы хæйттæ дæттыныл. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, республикæйы Сæргълæууæг Уæрæсейы Президентимæ фембæлды фæстæ, стыр куыст цæуы регионы территориты æдасдзинадыл. Ныртæккæ тæссаг районты сты Мæздæджы æмæ Алагиры районты, Дыгуры районы Къора-Урсдоны, стæй Æрæфы районы Æхсæрысæры иуæй-иу хæдзæрттæ. Сергей Меняйло Хицауады раз сæвæрдта хæс – бæлвырд мадзæлттыл бакусын. Специалистты хъуыдымæ гæсгæ, Цæгат Ирыстоны территорийы ис 152 бирæфатерон аварион хæдзары. Кæцыдæртæ хъæуы акалын, иннæтæ та рацаразын. Уымæй дарддæр регионы разамонæг профилон министрадтæн бабар кодта, сæ цæрыны уавæртæ фæхуыздæр кæнын кæмæн хъæуы, ахæм фæкæсынхъуаг бинонты хыгъд сбæлвырд кæнын.
