Уæлдæр ахуыргæнæндоны ректор Алексей Комиссаров, проректор Александр Ефремов, нæ республикæйы номæй та вице-премьер Платы Альбинæ, ахуырады æмæ наукæйы министр Алыбекты Эллæ æмæ æндæр бæрнон кусджытæ æрдзырдтой хорз кадртæ цæттæ кæныныл
Фæстæдæр Сергей Меняйлойы разамындæй арæзт æрцыд кусæг æмбырд, Цæгат Ирыстоны æмæ Уæрæсейы адæмон хæдзарады æмæ паддзахадон службæйы академиимæ æмгуыстады фарстаты фæдыл. Уæлдæр ахуыргæнæндоны ректор Алексей Комиссаров, проректор Александр Ефремов, нæ республикæйы номæй та вице-премьер Платы Альбинæ, ахуырады æмæ наукæйы министр Алыбекты Эллæ æмæ æндæр бæрнон кусджытæ æрдзырдтой хорз кадртæ цæттæ кæныныл. Сергей Меняйло куыд загъта, афтæмæй уый у тынг ахсджиаг хъуыддаг Цæгат Ирыстонæн. Президентон академиимæ æмгуыстад нын ратдзæн бирæ хорз фадæттæ. Республикæйы разамынд цæттæ у алывæрсыг куыст кæнынмæ, цæмæй фидæны нæ регион фæлтæрдджын кадртæй цæттæ уа, уый тыххæй, – бахынцта Сергей Меняйло.
Алексей Комиссаров та радзырдта, сæ академи абон нымад кæй у разамонджытæ цæттæгæнæн хуыздæр æрмадз. Афæдзмæ дзы ахуыр кæнынц 270 мин адæймаджы. Уыдон райсныц бизнес-ахуырад, æмæ сæ рауайынц паддзахадон хицаудзинады алы æмвæзады хуыздæр кадртæ. Æмбырды кæронбæттæн бæрнон адæм баныхас кодтой æнгом æмархайдыл. Нысан кæнынц æмгуыстады бадзырд бафыссын дæр.




