филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:16 воскресенье, 01 февраля 2026
23 июня 2022, 13:34
Сергей Меняйлойы разамындæй арæзт æрцыд терроризмы ныхмæ къамисы æмæ оперативон штабы æмбырд

Экономикон рæзты министр Кучиты Зауыр куыд фехъусын кодта, афтæмæй ныртæккæ базарадон хыгъды ис 53 объекты, терроризмæй хъахъхъæнынады категоритæм чи хауы, ахæмтæ

Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы разамындæй арæзт æрцыд терроризмы ныхмæ къамисы æмæ оперативон штабы æмбырд. Экономикон рæзты министр Кучиты Зауыр куыд фехъусын кодта, афтæмæй ныртæккæ базарадон хыгъды ис 53 объекты, терроризмæй хъахъхъæнынады категоритæм чи хауы, ахæмтæ. Уыдонæй 40 объектмæ ныридæгæн ис æдасдзинады паспорттæ. Сергей Меняйло бадомдта, цæмæй æдасдзинады домæнтæ чи не ххæст кæна, уыдон карздæр æфхæрд цæуой. Уый тыххæй алы гæнæнтæ дæр ис. Уымæй дарддæр республикæйы Сæргълæууæг бабар кодта хæстæгдæр рæстæг къамис радон хатт сæмбырд кæнын, æмæ йæм объектты хицæутты æрбахонын. Уæлдадйæр та базарадон объектты терроризмы ныхмæ мадзæлттæ чи не ххæст кæны, уыдоны. æмбырды ма стыр æргом аздæхтой транспортон æдасдзинадмæ. Бæлццæттæ ласыны фарстатыл æрдзырдта мидхъуыддæгты министрады пъæлицæйы хицауы хæдивæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Хуыгаты Эдуард.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania