Ныхас цыд нæ республикæйы территорийы терроризмы æмæ экстремизмы уавæртæ не руадзыныл, ахсджиаг объекттæ бахъахъхъæныныл стæй бæрæгбæттæм бацæттæ кæныныл
Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы разамындæй арæзт æрцыд терроризмы ныхмæ къамисы æмæ Оперативон штабы æмбырд. Ныхас цыд нæ республикæйы территорийы терроризмы æмæ экстремизмы уавæртæ не руадзыныл, ахсджиаг объекттæ бахъахъхъæныныл стæй бæрæгбæттæм бацæттæ кæныныл. Бæрнон ведомствотæ рахиздзысты карздæр куысты фæткмæ. Сергей Меняйло уæлдай æргом аздæхта æвæстиаты службæты цæттæдзинадмæ. Абонæй фæстæмæ хъуамæ бæрнон службæтæ хæссой рад æмæ дзуапп дæттой æмбæлгæ домæнтæн, – бахынцта республикæйы разамонæг. Транспортон инфраструктурæйы минæвæрттæ фехъусын кодтой сæ куыстуæтты инженерон æмæ техникон мадзæлттæ фæхуыздæр кæныны тыххæй.




