Йæ архайджытæ æрдзырдтой æдасдзинады фæткыл, Беслæны саударæн мадзæлтты, зонындзинæдты æмæ хъæлæс кæныны иумæйаг Боны рæстæг
Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы разамындæй арæзт æрцыд терроризмы ныхмæ къамисы æмæ Оперативон штабы æмбырд. Йæ архайджытæ æрдзырдтой æдасдзинады фæткыл, Беслæны саударæн мадзæлтты, зонындзинæдты æмæ хъæлæс кæныны иумæйаг Боны рæстæг. Ахуыргæнæндæтты æдасдзинадыл фехъусын кодта Мидхъуыддæгты министрады пъæлицæйы хицауы хæдивæг Агънаты Уырызмæг, стæй Уæрæсейы национ гвардийы Федералон службæйы Управленийы хицауы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Дмитрий Подвысоцкий. Æппæт скъолаты 4-æм сентябры ацæудзысты кадджын линейкæтæ. Уый размæ та сæм бæстон æркæсдзысты сапертæ æмæ кинологтæ. Объекттæм цæстдард цæудзæн æхсæвæй-бонæй. Рад хæсдзысты пъæлицæйы, национ гвардийы, хи хъахъхъæнæн куыстуæтты, æхсæнадон организациты 1300 кусæджы. Æхсæнадон барад хъахъхъæд цæудзæн 1-3-æм сентябры. Сергей Меняйло бæрнон структурæтæн бабар кодта иумæйаг хъарутæй архайын. Сентябры Цæгат Ирыстоны ацæудзысты бынæттон хиуынаффæйады оргæнтæм æвзæрстытæ. Æдæппæтæй снысан кодтой 8 æвзарæн кампанийы Алагиры, Æрыдоны, Æрæфы, Рахизфарсы æмæ Горæтгæрон районты. Кусдзысты 5 территориалон къамисы, стæй ма 12 та участоктæм гæсгæ. Терроризмы ныхмæ мадзæлттæм республикæйы ахуыргæнæндæтты цæуы уæлдай цæстдард, – фехъусын кодта ахуырады æмæ наукæйы министр Алыбекты Эллæ. 471 бæстыхай цæттæ у ахуыры азы райдианмæ. Сæвæрдтой дзы видеоцæстдарды системæ. Уымæй дарддæр бадзырдтæ бафыстой хъахъхъæнæн куыстуæттимæ. 15-æм сентябрьмæ организациты ацуæдзысты эвакуацийы ахуырадон тренировкæтæ. Архайдзысты дзы ахуырдзаутæ æмæ педагогтæ.




