Боны фæткы сæйраг темæ уыди – базарады æмæ æнæмæнг хъæугæ товарты фæлхасад, ныртæккæйы уавæрты
РЦИ-А Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы разамындæй арæзт æрцыди республикæйы экономикæйы рæзты фарстаты фæдыл оперативон штабы æмбырд.Боны фæткы сæйраг темæ уыди – базарады æмæ æнæмæнг хъæугæ товарты фæлхасад, ныртæккæйы уавæрты. Экономикон рæзты министр Кучиты Зауыр куыд радзырдта, афтæмæй профилон ведомствæ æдзух мониторинг кæны фæлхасадон товартæ. Сергей Меняйло загъта, æргътæ цæхгæр ивыны цаутæ куы уа, уæд сын æвæстиатæй хъæуы анализ кæнын. Зæрдыл æрлæууын кодта, дзулы аргътæ уромын кæй хъæуы, уый. Амæй размæ, Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг æмгуыстаты бадзырд бафыста Ростовы облæсты губернаторимæ, ссады æмæ æндæр продуктты рауагъдады къабазы. Æмбырды ма ныхас цыди, республикæйы чи архайы, уыцы амалхъом адæмæн арендæты æргътæ фæкъаддæр кæныныл. Бæрнон кусджытæ се ргом аздæхтой промышленносты, хъæууон хæдзарады кооперативты, ахуырады æмæ наукæйы, æрдзон æвæрæнты æмæ экологийы, стæй транспорты æмæ фæндаггон инфраструктурæйы комитеты архайдмæ. Алы къабæзты куыстæн дæр скодтой фиппаинæгтæ æмæ хатдзæгтæ.




