филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:47 среда, 17 декабря 2025
19 февраля 2025, 10:48
Сергей Меняйлойы разамындæй ацыд хидты æмæ доны былгæрæттæ фидар кæныны фæрæзты уавæры фарстаты фæдыл æмбырд

Сæйраг докладимæ дзы раныхас кодта Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав

РЦИ-А Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы разамындæй ацыд хидты æмæ доны былгæрæттæ фидар кæныны фæрæзты уавæры фарстаты фæдыл æмбырд. Сæйраг докладимæ дзы раныхас кодта Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав. Йæ ныхæстæм гæсгæ, специалисттæ сбæрæг кодтой машинæты 6 хиды. Куыд рабæрæг, афтæмæй  рæстæджы цыдимæ объектты сæвзæрд техникон къуылымпыдзинæдтæ, хъæуы сыл  æвæстиатæй бакусын, цæмæй сæ æдасæй пайда кæнæн уа. Цыбыр рæстæгмæ хъуамæ куыст æрцæуа инженерон-техникон мадзæлттыл. Уымæй уæлдай, специалистты размæ ис былгæрæттæ сфидар кæныны, Терчы донвæд ныссыгъдæг кæныны æмæ йæ иуæй-иу рæтты сраст кæныны хæс. Сергей Меняйло се ппæт дзуаппдæттæг оргæнтæн бахæс кодта, цæмæй бацæттæ кæной бæлвырд пълан ацы къабазыл бакусыны тыххæй. Уыимæ, бацæттæ кæнын хъæуы хъæугæ документтæ, фарста федералон æмвæзадыл алыг кæныны тыххæй. Уымæн æмæ ахæм цалцæггæнæн -техникон куыстытæн гыццыл фæрæзтæ нæ хъæуы. Республикæйы Сæргълæууæг бадомдта, æппæт куыстытæ донивылдтыты размæ баххæст кæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania