филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:45 воскресенье, 01 февраля 2026
17 мая 2023, 11:16
Сергей Меняйлойы разамындæй ацыдис промышленнон продукцийы æнæзакъон зилдухы ныхмæ къамисы æмбырд

Республикæйы разамонæг куыд бафиппайдта, афтæмæй къамисы куысты нысан у адæмы царды уавæртæ фæхуыздæр кæнын æмæ мидæггаг базарады куыст раст фæткмæ гæсгæ сæвæрын

Сергей Меняйлойы разамындæй ацыдис промышленнон продукцийы æнæзакъон зилдухы ныхмæ къамисы æмбырд. Республикæйы разамонæг куыд бафиппайдта, афтæмæй къамисы куысты нысан у адæмы царды уавæртæ фæхуыздæр кæнын æмæ мидæггаг базарады куыст раст фæткмæ гæсгæ сæвæрын. Сæйрагдæр æркастысты, артаджы къабазы, чысыл базарты æмæ товарты маркировкæты цы барадхæлдтытæ æрцæуынц, уыдонмæ. Мидхъуыддæгты министрады бæрæггæнæнтæм гæсгæ, ацы азы фыццаг кварталы 6 уголовон хъуыддаджы сарæзтой, транспорты артаг уæй кæныны домæнтæ хæлд кæй æрцыдысты, уый фæдыл.Бæстон цæстдард цæуы, чысыл базарадон объектты кассæты аппараттæй куыд пайда кæнынц, уымæ дæр. Бæрнон ведомствæтæн бабар кодтой, цæмæй ма руадзой æхцаты æнæзакъон зилдух. Сергей Меняйло куыд бафиппайдта, афтæмæй нæ паддзахады экономикæ ныртæккæ цæры зын уавæрты, æмæ уый нымайгæйæ уæлдай тыхджындæр ныхкъуырд хъæуы дæттын контрафактон товартæн æмæ æнæзакъон промышленон продукцийы зилдухæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania