филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:03 суббота, 31 января 2026
23 марта 2023, 11:41
Сергей Меняйлойы разамындæй кусæг æмбырд ацыд компани РТС-Тендеры генералон директор Владимир Лишенковимæ

Æрныхас кодтой  æмгуыстады фарстатыл паддзахадон æмæ муниципалон æлхæдтыты къабазы фарстатыл

РЦИ-А Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы разамындæй кусæг æмбырд ацыд компани РТС-Тендеры генералон директор Владимир Лишенковимæ. Æрныхас кодтой  æмгуыстады фарстатыл паддзахадон æмæ муниципалон æлхæдтыты къабазы фарстатыл. Компани у, аукционтæ кæм аразынц, уыцы нымæцон федералон фæзуæттæн сæ егъаудæр. Дыууæ разамонæджы дзырдтой, ныртæккæйы информацион технологитæй электрон æлхæдтыты куыд спайда кæнæн ис, уый тыххæй. Уымæй уæлдай сбæлвырд кодтой, уыцы технологитæй нæ регионæн кæцытæ сбæздзысты, уыдон. Сергей Меняйлойæн равдыстой нырыккон электрон базарадон платформæтæ. Тагъд рæстæг ног фæрæзимæ базонгæ кæндзысты Цæгат Ирыстоны амалхъомады æхсæнады. Ныхас цыди чысыл æмæ астæуккаг бизнесы рæзтыл дæр. Æмбырды архайджытæ куыд загътой, афтæмæй размæвæрд хъуыддæгты райрæзты ахадгæ фæрæз у æмгуыстад.  РТС-Тендеримæ кусы бæстæйы паддзахадон 38 мин заказгæнæджы бæрц. Ам суткæмæ скæнынц 10 мин процедурæйы. Фæлхасгæнæгæн йæ бон пайда кæнын у лæггæдты 60 хуызæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania